Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн коммуналон æххуысы программæ зымæджы мæйты дæр адарддæр уыдзæн
Гуырдзыстоны хицауады уынаффæйæ, æмбæстæгтæн коммуналон æххуысы программæ зымæджы мæйты дæр адарддæр уыдзæн.
Уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа, хицауады абоны рабадтыл фехъусын кодта.
«Нæ æмбæстæгты бинонты æфтиæгты фæкаддæр кæнæ куыстбынæтты сæфт компенсаци кæй скæнæм уый тыххæй, хицауад рахаста уынаффæ, коммуналон фидинæгты æрдгæй æххуысы программæ адарддæр уа зымæджы цыппар мæйы дæргъы. Ацы мæйтæ уыдзысты ноябр, декабр, январ æмæ феврал. Æххуыс уыдзæн раздæроны принципæй – 200 киловатсахат æмæ 200 кубон метр газæй фæлхас, компесацигонд æрцæудзæн хицауады æрдгæй. Нæ абаргæйæ бонджын æмбæстæгтæн уыдзæн фадат, ахæм æххуыс ма бакомын», – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.