Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн  коммуналон æххуысы  программæ  зымæджы мæйты дæр адарддæр уыдзæн
Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн коммуналон æххуысы программæ зымæджы мæйты дæр адарддæр уыдзæн

Гуырдзыстоны хицауады  уынаффæйæ,   æмбæстæгтæн  коммуналон æххуысы  программæ  зымæджы мæйты дæр адарддæр уыдзæн.

Уый фæдыл  Гуырдзыстоны  премьер-министр Гиорги Гахариа,  хицауады  абоны  рабадтыл фехъусын кодта.

«Нæ æмбæстæгты бинонты æфтиæгты фæкаддæр  кæнæ  куыстбынæтты  сæфт компенсаци кæй  скæнæм уый тыххæй,   хицауад   рахаста  уынаффæ,   коммуналон  фидинæгты æрдгæй  æххуысы   программæ  адарддæр уа зымæджы   цыппар мæйы дæргъы.  Ацы мæйтæ  уыдзысты ноябр, декабр, январ æмæ феврал. Æххуыс уыдзæн  раздæроны  принципæй –  200 киловатсахат æмæ 200 кубон метр  газæй  фæлхас,   компесацигонд æрцæудзæн  хицауады æрдгæй.  Нæ  абаргæйæ    бонджын æмбæстæгтæн  уыдзæн фадат, ахæм æххуыс  ма бакомын», –   райхъусын кодта  Гиорги Гахариа.