Гуырдзыстоны æддагполитикъон уагдон -  Гуырдзыстон  ныфсджын у, ома Азербайджан  æмæ Сомихыстоны æхсæн  бадзырд,  æхсты  æппæтмасштабонæй  фæурæды фæдыл,  къухаразæг уыдзæн  конфликты  аскуыдзагы æххæстмасштабон   процессæн

Гуырдзыстон ныфс æвдисы, цæмæй  Азербайджан  æмæ Сомихыстоны æхсæн  бадзырд,  æхсты   æппæтмасштабонæй  фæурæды фæдыл,  йæкъух сараздзæн  конфликты  аскуыдзагы æххæстмасштабон   процессæн –  уый фæдыл  дзырдæуы  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министрады фидиуæны.

«Гуырдзыстон  дыууæ фарсы æхсæн диалогы фарс  хæцы. Афтæма,  æвдисæм цæттæдзинад,   баххуыс кæнæм  æхсæнадæмон дзыллæимæ иумæ   сабырадон процесс  сыххæстæн.

Уырнæг стæм, цæмæй  æхсæнадæмон  дзыллæйы  активон  тыхархайд  æмæ бирæфарсон  æхсæнадæмон   механизмты  куыст  фæстиуæг  æрхæсдзæн   дæргъвæтин сабырад  æрфидар кæнынæн,  кæцы  ног фадæттæ сæвзæрын кæндзæн æппæт регионæн» – хъусын кæнынц  Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады.