Гуырдзыстоны æддагполитикон уагдон – Дмитрий Медведевы фидиуæн у оккупацийы политикæйы дарддæрдзу, суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинад фæцагайыны радон архайд
Августы хæсты 15 азысæрыл, Дмитрий Медведевы фидиуæн у Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны территориты оккупацийы политикæйы дарддæрдзу, суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинад фæцагайыны радон архайд – уый фæдыл Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады прессæйы æмæ информацийы департаменты комментарийы дзырдæуы.
«2008 азы августы хæсты 15 азы сæрыл, Уæрæсейы æдасдзинады своеты нымæрдары хæдивæгы арызт фидиуæн у Уæрæсейы Феерацийы æрдгæй Гуырдзыстоны территорийы оккупацийы политикæйы дарддæрдзу, суверенитеты æмæ территорион æнæхъæндзинад фæцагайыны радон архайд.
Сидæм Уæрæсейы Федерацимæ, цыт кæнæнт æхсæнадæмон барады фундаментон принциптæн æмæ нормæтæн æмæ сыххæст кæнæт 12 августы æхст фæурæды фæдыл бадзырд» – дзырдæуы Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады прессæйы æмæ информацийы департаменты комментарийы.
Уыимæ ма, æддагполитикон уагдоны куыд банысан кодтой афтæмæй, Гуырдзыстон нæфæзилгæйæ лæууы конфикт сабырадонæй алыг кæныны политикæйы фарс, ацы фæндагæй Гуырдзыстоны территориты деоккупаци сифтонг кæнын æмæ хæсты фæстиуæгæн фæхицæнгонд цæрджыты æхсæн бафидауыны æмæ сабырадон æмцард куыд уа уыцы фæндагыл.
Уæрæсейы æдасдзинады советы сæрдары хæдивæг Дмитри Медведев райхъусын кодта: «Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны, Уæрæсемæ баиу кæныны идея нырма популярон у. Уый сыххæст кæнын уыдзæн гæнæн исты серьозон æфсон куы уа уæд».