Михеил Сарджвеладзе – категорионæй нæрайсгæ æмæ æнæлегитимон у цыфæнды фидиуæн, архайд, кæцы нæбадгæ у Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинады принципимæ
Парламентон фылдæрты уæнг Михеил Сарджвеладзейы фидиуæнæй, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны фæдыл Уæрæсейы æдасдзинады советы сæрдары хæдивæгы, Дмитрий Медведевы фидиуæн категорионæй нæрайсгæ у.
Михеил Сарджвеладзейы дзырдæй, Гуырдзыстон никуы бафидаудзæн йæ территориты оккупациимæ æмæ сабырадон фæндагæй архайдын территоритæ æрыздахын.
Михеил Сарджвеладзейы бафарстой, цы реакци уыдзæн хицауадæн фæнысангонд фидиуæны тыххæй.
«Уый фæдыл реакци у на фылдæр иузæрдыгдзинад æвзæрст политикæйæн, кæцы йæ хъуыдыйы дары Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад сног кæнын сабырадон фæндагæй. Кæддæр ацы идея уæддæр сыххæст уыдзæн, уымæн æмæ ахæм историон рæстагдзинад, Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æнæмæнгæй сног уыдзæн», – райхъусын кодта Михеил Сарджвеладзе.