Гуырдзыстоны æддæ хъуыддæгты уагдон – Гуырдзыстоны æмæ Азербайджаны минæвæрттæ бахахх кодтой, цæмæй Давит Гареджийы фарстайыл цыфæнды хуызы провокацитæ нæрайсгæ сты
Гуырдзыстоны æмæ Азербайджаны паддзахадон арæны делимитацион камситы сæрдæртты фембæлды тыххæй, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад официалон информаци хæлиу кæны. ИНформацийы банысангонд у, цæмæй дыууæ бæстæйы минæвæрттæ, бахахх кодтой фарстайы нысаниуæг æмæ банысан кодтой, цæмæй нæрайсгæ у фарстайы алыварс цыфæнды хуызы провокацитæ.
«14 майы Бакуйы сырæз т кусæн фембæлд Гуырдзыстоны æмæ Азербайджаны Республикæты паддахадон арæны делимтиацион камситы сæрдæртты, Гуырдзыстоны премьер-министры специалон минæвары, фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæгы Лаша Дарсалиайы æмæ Азербайджаны Рекспубликæйы президенты специалон минæвары, фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг Халаф Халафовы æхсæн.
Фæрстæ афæлгæстой паддзахадон арæны делимитацийы цыд æмæ æркастысты, фидæны къахдзæфтæ. Банысан ис, цæмæй паддзахадон арæны 2/3 хайы тыххæй æрнызас кодтой æмбæлон камистæ æмæ æнæмæнгхъæугæ у активон комуникациты ранæуæг кæнын, цы фадгуытыл разыдзинад нырма нæй уыдоны тыххæй фæрсты позициты сразы кæныны нысанæй. ФÆрстæ æрцыдысты разыдзинадмæ, цæмæй дыууæ бæстæйы хицауадон камисты официалон рабадт сырæза иннæ къуырийы.
Дыууæ бæстæйы минæвæрттæ бахахх кодтой фарстайы ахсджиагдзинад æмæ банысан кодтой, цæмæй нæрайсгæ у фарстайы алыварс цыфæнды хуызы провокацитæ.
ФÆрстæ разы сты, цæмæй делимитацийы процессы рæстæджы, къухдариуæг кæндзысты стратегион партнерад зæрдыдаргæйæ, æрмæст Давит Гареджийы комплексы алфæмбылай арæйнон хаххы проблематикæмæ æрыздæхдзысты иннæ фембæлдыл.
Фæрстæ равдыстой цæттæдзинад бадзырдты конструткивон ахастæй ауадзыныл æмæ бахахх кодтой кусæн процессы, дыууæ бæстæйы æхсæн уæвæг хæларсыхагон ахастыты æмæ стратегион партнерад зæрдыл дарыны æнæмæнгхъæугæдзинад» банысангонд у Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады ахæлиугонд фидиуæны.