Гуырдзыстоны æддæ хъуыддæгты  уагдон – Гуырдзыстоны æмæ Азербайджаны минæвæрттæ бахахх кодтой, цæмæй Давит Гареджийы фарстайыл цыфæнды хуызы провокацитæ нæрайсгæ сты
Гуырдзыстоны æддæ хъуыддæгты уагдон – Гуырдзыстоны æмæ Азербайджаны минæвæрттæ бахахх кодтой, цæмæй Давит Гареджийы фарстайыл цыфæнды хуызы провокацитæ нæрайсгæ сты

Гуырдзыстоны   æмæ  Азербайджаны   паддзахадон  арæны  делимитацион    камситы  сæрдæртты   фембæлды тыххæй,  Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты  министрад   официалон    информаци хæлиу кæны.  ИНформацийы банысангонд у, цæмæй   дыууæ бæстæйы  минæвæрттæ, бахахх кодтой  фарстайы   нысаниуæг  æмæ  банысан кодтой,  цæмæй   нæрайсгæ у  фарстайы  алыварс    цыфæнды хуызы  провокацитæ.

«14 майы   Бакуйы   сырæз т  кусæн фембæлд  Гуырдзыстоны æмæ Азербайджаны   Республикæты   паддахадон арæны  делимтиацион  камситы  сæрдæртты,  Гуырдзыстоны  премьер-министры   специалон минæвары, фæсарæн хъуыддæгты  министры хæдивæгы Лаша Дарсалиайы æмæ  Азербайджаны  Рекспубликæйы  президенты специалон минæвары, фæсарæн хъуыддæгты  министры  хæдивæг  Халаф  Халафовы  æхсæн.

Фæрстæ  афæлгæстой   паддзахадон  арæны делимитацийы  цыд  æмæ  æркастысты,  фидæны къахдзæфтæ.  Банысан ис, цæмæй  паддзахадон  арæны   2/3 хайы  тыххæй   æрнызас  кодтой æмбæлон камистæ æмæ  æнæмæнгхъæугæ  у  активон  комуникациты  ранæуæг кæнын,  цы фадгуытыл  разыдзинад нырма  нæй уыдоны тыххæй фæрсты   позициты  сразы  кæныны  нысанæй.  ФÆрстæ  æрцыдысты разыдзинадмæ, цæмæй   дыууæ бæстæйы  хицауадон   камисты официалон   рабадт  сырæза  иннæ  къуырийы.

Дыууæ бæстæйы  минæвæрттæ  бахахх кодтой  фарстайы  ахсджиагдзинад æмæ банысан кодтой, цæмæй  нæрайсгæ у  фарстайы  алыварс  цыфæнды  хуызы  провокацитæ.

ФÆрстæ   разы  сты, цæмæй   делимитацийы  процессы  рæстæджы,  къухдариуæг кæндзысты   стратегион   партнерад  зæрдыдаргæйæ,  æрмæст Давит Гареджийы   комплексы  алфæмбылай  арæйнон  хаххы   проблематикæмæ  æрыздæхдзысты  иннæ фембæлдыл.

Фæрстæ  равдыстой  цæттæдзинад  бадзырдты  конструткивон  ахастæй   ауадзыныл æмæ бахахх кодтой   кусæн процессы, дыууæ бæстæйы æхсæн  уæвæг  хæларсыхагон  ахастыты  æмæ стратегион   партнерад зæрдыл дарыны  æнæмæнгхъæугæдзинад»  банысангонд у  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады  ахæлиугонд фидиуæны.