Гуырдзыстонмæ визиты рæстæджы, Кристин Лагард фембæлдзæн Саломэ Зурабишвили æмæ Мамука Бахтадзеимæ
Æхсæнадæмон Валютон Фонды (ÆВФ) къухдариуæггæнæг, Кристин Лагард 16-21 майы Хъазахстан, Узбекистан æмæ Гуырдзыстонмæ фæуазæг уыдзæн.
Фыццаг Къаналы фарсты дзуаппæн фонды Æввахс Скæсæны æмæ Централон Азийы департаменты хистæры æххуысгæнæг, Марк Хортон куыд райхъусын кодта афтæмæй, зæгъгæ Тбилисы плангонд сты фембæлдтæ бæстæйы бæрзонддæр гæстимæ, сæ нымæцы президент Саломэ Зурабишвилиимæ æмæ премьер-министр Мамука Бахтадзеимæ.
Цыдæриддæр та регионалон турнэйы фæлгæтты æркæсинаг темæтæм æххæссы, ныхас уыдзæн инклюзивон рæзынадмæ бæххæссыныл, паддзахадты æхсæн интеграцийыл, рухсдзыддзинад æмæ фæткдаруат фæхуыздæр кæнынимæ баст фарстатыл.
Марк Хортоны дзырдæй, касты иуæй-иу фарста у инициативæйы «Иу Рон – Иу Фæндаг»-ы фæлгæтты инфраструктурæйы райтынг кæнын.
Æхсæнадæмон Валютон Фонды (ÆВФ) директор Гуырдзыстонмæ фыццаг хатт æрцæудзæн. Гуырдзыстоны уагъд цæуы Æхсæнадæмон Валютон Фонды «ауæрæхгонд финансдзинадæй бафидаргонд» программæ.