Гуырдзыстон «Астразенекайы» вакцинæ райсдзæн марты фыццаг æрдæджы
Бæлвырд у, цæмæй фæдылдзог вакцинæ, кæцы нæм æрбафтдзæн у «Астразенекайы» вакцинæ, 180-йæ 300 мин дозæйы онг æмæ уый уыдзæн марты фыццаг æрдæджы – уый фæдыл фехъусын кодта низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзе.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, алчи дзæбæх хъуамæ бамбара, цæмæй ковидпандемийы басæттын сегасдæр сæйраг гæнæн ис цæрджыты массон вакцинацийы фæрцы.
«Фыццаг этапыл бæстæмæ æрцæудзæн «Пфайзеры» вакцинæ 29 250 дозæ, дыууæ хаттон вакцинацийæ. Цы информаци мæм ис уымæ гæсгæйæ, вакцинæ æрцæудзæн февралы дыккаг æрдæджы. Афтæдæр нырид бæлвырд у, цæмæй фæдылдзог вакцинæ кæцы нæм æрбафтдзæн уыдзæн «Астразенеккайы» конд, 180-йæ 300 мин дозæйы онг æмæ уый уыдзæн марты фыццаг æрдæджы.
Алчи дзæбæх хъуамæ бамбара, цæмæй ковидпандемийы басæттын сегасдæр сæйраг гæнæн ис цæрджыты массон вакцинацийы фæрцы. Кæд цæрджыты 70% вакцинаци ацæудзæн, уый нысан кæны, цææй ковид-пандеми фæцис» – райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.