Гуырдзыстон æмæ Сербийы æхсæн уæлдæфон змæлды фæдыл бадзырд æмæ æмбарады меморандум бафыст æрцыд
Белграды Гуырдзыстон æмæ Сербийы хицауадты æхсæн уæлдæфон змæлды фæдыл бадзырд бафыстой. Уый фæдыл информаци æмбæстагон авиацийы агентад хъусын кæны.
«Уæлдæфон змæлды фæдыл бадзырд æмæ æмбарады меморандумы фæрцы, гæнæн ис райдайа комкоммæ регулярон уæлдæфон змæлд Серби æмæ Гуырдзыстоны æхсæн.Эйр Серби ныридæгæн æмбæстагон авиацийы агентадмæ бавдыста куырдиат, цæмæй ацы азы 15-æм июнæй Белград æмæ Тбилисы æхсæн регулярон рейстæ уадзой.
Фембæлдыл, кæцыйы хайад райстой авиацион хицауады æмæ Air Serbia-йы минæвæрттæ, фарсытæ дыууæ бæстæйы сæйраг сахарты æхсæн уæлдæфон змæлды райдайæнимæ баст техникон фарстатыл æруынаффæ кодтой æмæ равдыстой сæ цæттæдзинад, сæ компетенцимæ гæсгæ активон æмгуыстад адарддæр кæнын ног уæлдæфон фæндæгты интенсивон размæцыды къуымæй», – хъусын кæны Æмбæстагон Авиацийы агентад.