Гуырдзиаг продукци экспортмæ  рацыд  Японимæ
Гуырдзиаг продукци экспортмæ рацыд Японимæ

Агентад   «Араз  Гуырдзыстоны»-ы æххуысæй   компаний «Эшви Кидсы» (Eshvi Kids) уагъд  сабион  дарæс   Японимæ  экспортмæ  ацыд.  Информацийы   хъусын кæны  Гуырдзыстоны экономикæйы  æмæ æнæфæцудгæ  рæзынады министрад.

Афтæдæр сæ информацийæ,   компани Eshvi Kids  япойнаг  компаниимæ  «Рохерман» (Roherman)  бизнесцæдистæ  æхсæнадæмон равдыстыл  «Пити Ьимбо» (Pitti Bimbo) сфидар кодта.  Уæлдæрбанысангонд   иуæй-иу  сеппæтæй номдзыд   дукани у  æнæ æрмæст Японийы, фæлæ ма АИШ-ы   масштабæй  дæр.

Равдыст Pitti Bimbo 2019  азы   июны  мæйы,   Флоренцийы   ацыд,   цы ран агентад  «Араз Гуырдзыстоны»  æххуысæй   фæнысангонд  компаниимæ иумæ,  ноджы æртæ  гуырдзиаг  компани, «Жираф», «Анци»  æмæ «Спилоу»  уыд   бавдыст.

Экономикæйы  министрады  информацийæ,  агентад  «Араз Гуырдызстоны» æнгæс типы  мадзæлтты перманентонæй  организаци кæны æмæ банысангонд  хуызы  равдыстыты  хайадистæй  æххуыс кæны   гуырдзиаг  продукцийы  популяризацийæн,  афтæдæр,   æмбæлон   платформæ  æвзæрын кæны  ног базардон  партнерты бацагуырд æмæ   контактты  сфидар кæныны  æрдæм.