Фæстаг авд мæйы дæргъы Гуырдзыстонæй сыххæст ис  84.4 млн АИШ доллары аргъы æхсæры экспорт
Фæстаг авд мæйы дæргъы Гуырдзыстонæй сыххæст ис 84.4 млн АИШ доллары аргъы æхсæры экспорт

2024 азы  фыццаг  августæй 2025 азы  3  мартъи хынцгæ периоды,  Гуырдзыстоны  экспортмæ хаст æрцыд  13.7 мин тоннæ  æхсæр.

Гуырдзыстоны  æрдзы хъахъхъæды æмæ  хъæууон хæдзарады министрады информацийæ экспортиргонд  æхсæры аргъ уыд 84.4 милуан АИШ долллары  бæрц.

Æхсæры  астæуккаг экспортон аргъ, ивгъуыд азы аналогион  периодимæ абаргæйæ, 16 пройетæй сырæзт æмæ 6.14 $/кг уыд.  Экспорт, фылдæр  Евроцæдисы  базаратæм – Италиамæ, Испанимæ, Германимæ, Францмæ, Польшæмæ, Чехимæ  сыххæст ис.Евроцæдис ыбæстæтæй  дарддæр ма  экспорт цыд   Сомихыстонмæ, Китаймæ, Туркмæ, Израилмæ, Уæрæсемæ æмæ Украинæмæ.

Ивгъуыд  азы аналогон периодимæ  абаргæйæ, экспортиргонд  æхсæры  бæрцуат 2,1 мин тоннæйæ (18%) æрмæст  йæ  аргъ та – 22.4 милуан АИШ долларæй (36%)  райрæзтис.