Хицауад – Æнхъæлмæкæсинаг у, цæмæй Гуырдзыстоны базарадон партнер бæстæты экономикон рæзынады фæсындæг бандавдзæн бæстæйы экспорт æмæ æхцайæ æрвитæггæгты бæрæггæнæнтæм
Æнхъæлмæкæсинаг у, цæмæй Гуырдзыстоны базарадон партнер бæстæты экономикон рæзынады фæныллæг, бандавдзæн бæстæйы экспорт æмæ æхцайæ æрвитæггæгты бæрæггæнæнтæм, æрмæст пандемиимæ баст глобалон æнæбæрæгдзинад адарддæримæ иумæ, фæкъаддæр кæндзæн капиталы æрбацыд, кæнæ экономикæйы пълангонд инвестициты æмгъуыдæргъæвдтæ, – уый фæдыл банысангонд у бæстæйы сæйраг бюджетон æмæ макроэкономикон параметрты фæдыл хицауады парламентмæ бавдыст æмбæлгæ документы мидæг.
Хицауады банысан кодтой, цæмæй экономикон активондзинад фæкаддæры фоныл, Æппæтадаймон Валютон Фондимæ разгонд прогнозæй, æнхъæлмæкæсинаг у, цæмæй Гуырдзыстоны экономикæ 2020 азы дæргъы, цыппар процентæй фæкъаддæр уыдзæн, фæлæ цыппæрæм кварталæй, уавæры фæхуыздæры фæстиуæгæн, 2021 азы дæргъы, сфиксир уыдзæн экономикæйы цыппар процентон рæзт.
Æххæстгæнæг хицауад хъусын кæны, цæмæй пандемимæ гæсгæ фæфыддæрдæр сты, куыд экономикон, афтæ фискалон прогнозтæ дæр.
«Æппæтадæмон Валютон Фонды прогнозмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны фидтонон балансы цухдзинад уыдзæн – 1.4 миллиард АИШ доллары онг 2020 азы дæргъы, æрмæст 0,4 миллиард АИШ доллар 2021 азы дæргъы. Фæнысангонд экономикон агрегатты прогнозон фæкъаддæры фæстиуæгæн, бæстæйы фидтонон балансы цухдзинад цæугæ æмæ иннæ азты дæргъы, 1.8 миллиард АИШ доллармæ хæццæ кæны. Афтæма финансон хыгъдлæвæрды фæфыддæрдæры сæйраг хай сфинанс уыдзæн æхсæнадæмон финансон организацийы æрдгæй Гуырдзыстонæн рауæлдайгонд финансытæ. Уæлдæрбанысангондмæ гæсгæ, цæугæ периоды бæстæйы макроэкономикон политикæ, здæхт уыдзæн экономикæ сæнæниз кæныны æрдæм, цæмæй астæуымгъуыдон периоды бæстæйы рæзынады æмвæзад æрыздæха потенцион бæрæггæнæнмæ æмæ сифтонг кæна макроэкономикон стабилондзинад», – банысан кодтой хицауады.