Гуырдызстоны хъахъхъæнынады министр Азербайджаны минæваримæ æмæ хъахъъæнынады атташэимæ фембæлдис
Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министр Ираклий Чиковани Азербайджаны Республикæйы сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæваримæ Гуырдзыстоны, Фаиг Гулиевимæ фембæлдис.
Хъахъхъæнынады министрады информацийæ, базонгæйы равгы фембæлдыл фарсытæ дыууæ бæстæйы æхсæн стратегион партнерады æмæ хæларсыхагон ахастыты нысаниуæгыл фæныхас кодтой.
«Хъахъхъæнынады министр ноджы иу хатт сбæлвырд кодта Гуырдзыстоны цæттæдзинад, сæрмгаонд хайавæрд скæна Хуссар Кавказы сабырады æмæ стабилондзинад сфидар кæныны процессы. Хаххгондæй фæнысан ис, бæрзонд æмвæзады визитты позитивон динакмикæ дæр.
Фембæлдыл хъахъхъæнынады сферæйы дыууæфарсон æмгуыстады райтынг кæныны перспективæтыл фæуынаффæ кодтой. Хъусдард здæхт уыдис æхсæнадæмон ахуырты иумæйаг хайады æмæ æфсæддон ахуыры æрдгæй æмгуыстады фарстатыл.
Фембæлдыл Гуырдзыстоны Азербайджаны Республикæйы хъахъхъæнынады аташе, булкон Фуад Ибрагимов уыдис», – банысангонд у хъахъхъæнынады министрады информацийы.