Ираклий Гъарибашвили фембæлдис Азербайджаны минæваримæ
Ираклий Гъарибашвили фембæлдис Азербайджаны минæваримæ

«Картули Оцнебайы» сæрдар Ираклий Гъарибашвили  Гуырдзыстоны  Азербайджаны сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæвар Фаиг Гулиевимæ фембæлдис.

Фембæлдыл   ныхас уыдис  Гуырдзыстоны æмæ Азербайджаны æхсæн уæвæг  хæларон  æмæ партнерон ахастытыл, дыууæ бæстæй æхсæн  стратегион æмгуыстад фæарфдæры фарстаты æндæр  сферæты, афтæма регионы цæугæ процесстыл.

Фембæлдыл бахахх ис  регионы сабырады æмæ стабилондзинады нысаниуæг.  Фаиг Гулиев  раарфæ кодта  Ираклий Гъарибашвилийæн премьер-министрæй уæвыны рæстæджы Азербайждан æмæ Сомихыстоны æхсæн  медиацийы  сæххæст тыхархайды тыххæй.

Йæхи æрдгæй  партийы сæрдар бузныг загъта  минæварæн Гуырдзыстоны æмæ Азербайджаны æхсæн ахастытæ сфидар кæныны хъуыддаджы хайбавæрды тыххæй.

Информаци хъусын кæны «Картули Оцнебайы» пресскуыст.