Гудаури-Къобийы фадыгыл  транспорты змæлд урæд у, Млета-Гудаурийы  фадыгыл та змæлдзæн æрмæст рог  транспорт
Гудаури-Къобийы фадыгыл транспорты змæлд урæд у, Млета-Гудаурийы фадыгыл та змæлдзæн æрмæст рог транспорт

Æрдзы националон агентады хъусинагæй, Мцхета-Степанцъминда-Ларсы автомобилон фæндаджы  Гудаури-Къобийы  фадыгыл,  зæйы тасы  бæрзонд æмвæзад сырæзт, цæй тыххæй  дæр  фæнысангонд фадыгыл   фæдзæхст у  цыфæнды хуызы автотранспорты  змæлд, –  хъусын кæнынц  Гуырдзыстоны  регионон рæзынады æмæ  инфраструктурæйы министрады  автомобилон фæндæгты  департаменты.

Уагдоны  информацийæ,   ацы фæндаджы  Млета-Гудаурийы  фадыгыл змæлд гæнæн ис  æрмæст рог автотранспортæн.  Уыимæ ма,  æрдзы националон агентады хъусинагæй,   Млета-Гудаурийы  фадыгыл  автотранспорты змæлд цæудзæн  æнæруромгæ режимы.

Фæнысангонд режимæй  змæлд  сыххæст уыдзæн  патрулон пъæлицæй  цæстдард æмæ координацийæ.