Гудаури-Къобийы фадыгыл стыр уæзласæн автотранспорты змæлд тобæгонд у
Гудаури-Къобийы фадыгыл стыр уæзласæн автотранспорты змæлд тобæгонд у

Æхсæнадæмон  нысаниуæгы Мцхета-Степанцъминда-Ларсы  автомобилон фæндаджы  Гудаури(Поста)-Къоийы фадыгыл фæтобæ ис  стыр уæзласæн   автотранспорты змæлд.  Инофрмаци хъусын  кæны   Гуырдзыстоны регионон райрæзты æмæ  инфраструктурæйы министрады  автомобилон фæндæгты  департамент.

Уагдоны хъусинагæй, тобæйы æфсон ссис  митуард æмæ кæлæх.

Фæнысангонд фадыгыл  иннæ  хуызы  автотранспорты змæлд  уæгъд у.

Фæндаджы  иннæ  фадгуытыл  автотранспорты змæлд афтæдæр  уæгъдибар у.