Ацъхъури-Валейы  фадыгыл хицæн хуызы  автотранспорты змæлд фæдзæхст у
Ацъхъури-Валейы фадыгыл хицæн хуызы автотранспорты змæлд фæдзæхст у

Гуырдзыстоны  регионрайрæзты æмæ  инфраструктурæйы министрады, автомобилон фæндæгты департаменты  информацийæ,  интенсивон митуарды, ныллæг температурæйы  æмæ  кæлæхы тыххæй   æхсæнадæмон нысаниуæгы  Хашур-Ахалцихе  -Валейы   автомобилон фæндаджы  км75-км97   фадыгыл (Ацъхъури-Вале)   фæдзæхст у стыр  уæзласæн  автотранспорты  æмæ  М3 категорийы  22-æй фылдæр быраджын  бæлццонон   автотранспорты змæлд. Æрмæст иннæ   хуызы автотранспорты  змæлд  сæрибар у.

Автомобилон фæндæгты иннæ фадгуытыл   автотранспорты змæлд   уæгъд у.