Фæндæгты уагдоны информаци дæтты фæндæгтыл уæвæг уавæры фæдыл
Фæндæгты уагдоны информаци дæтты фæндæгтыл уæвæг уавæры фæдыл

Цæугæ сыгъдæггæнæн куыстыты фæстиуæгæн, Мцхета-Степанцъминда-Ларсийы автомагистралыл Гудаури (Поста)-Къобы хайыл рог хæдтулгæты змæлд сног ис. Уый фæдыл фæндæгты хæдзарады управлени парахат кодта информаци.

Сæ ныхæстæм гæсгæ, куыд æндæр здæхтыты тыххæй, афтæ тыхджын митуарды æмæ уæззау метеорологион уавæрты тыххæй автомагистралты хицæн фадгуыты сфидар кодтой змæлды сæрмагонд режимтæ.

«Уæгъд их, уæззау мит æмæ уæззау метеорологион уавæрты тыххæй, прицепты æмæ æрдæгприцепты змæлд арæнæвæрд у ахæм фадгуытыл: Мцхета-Степанцъминда-Ларсийы автомагистралыл Гудаури (Поста)-Къобы) хай, Ахалсопелийы транспортон æдхынцъ-Бориты транспортон æлхыцъы Тбилиси-Сенакъи-Леселидзейы автомагистралы хай,

Гоми-Сачхере-Чъиатура-Зестафонийы автомагистралыл 1 км106 хай, Алгеты Кода-хъæу æмæ Кода-Парцхиси-Манглиси-Цъалка-Ниноцъминдæйы автомагистралыл 110 км146 хайы, Накералайы ахизæн, Сачхере-Рачъа-Чъиатура-Зестафонийы автомагистралы хай,

Марнеули-Тетрицъхъаро-Цъалкæйы автомагистрал, Кутаисы-Цъхъалтубо-Цагери-Лентехи-Ласдилийы автомагистралы Офитара-Мелейы хайыл, Кутаисы-Алпъана-Мамисонийы фæндаджы Корениши-Шовийы хайы, æмæ Зугдиди-Джвари-Местиа- Ласдилийы автомагистралы фадыгыл.

Лавинæйы тæссагдзинад, тыхджын их, æвзæр уынд æмæ ихсыд дымгæйы тыххæй, рæстæгмæ арæнæвæрд у алы хуызы автотранспортон фæрæзты змæлд: Паравнийы æфцæгыл, Паксадзеты хид-Утъхъисубаны хайыл Батуми (Ангиса)-Ахалцихейы автомагистралыл, Ничбиси-Дидгори-Диди Тонеты автомагистралыл, Корша-Шатилийы хайыл æмæ Ушгули-Ласдилийы хайыл. Батум-Ахалцихейы автомагистралы км50-км85 хайыл æрмæст æнæфæндаггон автотранспортæн бар ис. Автомагистралты иннæ фадгуытыл автотранспортон фæрæзты змæлд у сæрибар» – ис фыст фæндæгты хæдзарады управленийы хъусинаджы.