Гудаури-Къобийы фадыгыл  уæзласæн  трайлерты змæлд  фæдзæхст у
Гудаури-Къобийы фадыгыл уæзласæн трайлерты змæлд фæдзæхст у

Гуырдзыстоны регионон рæзынады æмæ инфраструктурæйы  министрады  автомобилон  фæндæгты  департаменты  информацийæ,  æхсæнадæмон  нысаниуæгы Мцхета-Степанцъминда-Ларсы  автомобилон  фæндаджы Гудаури-Къобийы фадыгыл тобæ у  стыр уæзласæн   автотранспорты змæлд.

Уагдоны  хъусинагæй,  тобæйы аххос ссис  митуард æмæ кæлæх.

Уыимæ  уæлдæрбанысангонд  фадыгыл  иннæ  хуызы  автотранспорты  змæлд  сæрибар у.

«Æрдзы националон  агентады хъусинагæй, Млета-Гудаури  æмæ Гудаури-Къобийы фадыгыл   автотранспорты  змæлд  сыххæст уыдзæн  æнæуромгæ  змæлды режимы, æрмæст  зæййæиргъæвæг тунелы уылты», –  дзырдæуы  автомобилон фæндæгты   департаменты информацийы.