Гудаури-Къобийы фадыгыл транспорты змæлд урæд у, Млета-Гудаурийы фадыгыл та змæлдзæн æрмæст рог транспорт
Æрдзы националон агентады хъусинагæй, Мцхета-Степанцъминда-Ларсы автомобилон фæндаджы Гудаури-Къобийы фадыгыл, зæйы тасы бæрзонд æмвæзад сырæзт, цæй тыххæй дæр фæнысангонд фадыгыл фæдзæхст у цыфæнды хуызы автотранспорты змæлд, – хъусын кæнынц Гуырдзыстоны регионон рæзынады æмæ инфраструктурæйы министрады автомобилон фæндæгты департаменты.
Уагдоны информацийæ, ацы фæндаджы Млета-Гудаурийы фадыгыл змæлд гæнæн ис æрмæст рог автотранспортæн. Уыимæ ма, æрдзы националон агентады хъусинагæй, Млета-Гудаурийы фадыгыл автотранспорты змæлд цæудзæн æнæруромгæ режимы.
Фæнысангонд режимæй змæлд сыххæст уыдзæн патрулон пъæлицæй цæстдард æмæ координацийæ.