Гудаури-Къобийы  фадыгыл  цыфæнды хуызы  автотранспорты  змæлд сæрибарæй цæуы
Гудаури-Къобийы фадыгыл цыфæнды хуызы автотранспорты змæлд сæрибарæй цæуы

Гуырдзыстоны регионон рæзынады æмæ инфраструктурæйы  министрады автомобилон фæндæгты  департаменты  информацийæ,   интенсивон ссыгъдæггæнæн куыстыты  фæстиуæгæн,  æхсæнадæмон нысаниуæгы  Мцхета-Степанцъминда-Ларсы  автомобилон фæндаджы  Гудаури–Къобийы  фадыгыл, алыгъуызон  автотранспорты  змæлд ссæрибар ис.

«Æрдзы националон агентады информацийæ,  Млета-Гудаури  æмæ Гудаури-Къобийы фадгуытыл, автотранспорты  змæлд  сыххæст уыдзæн   æнæфæлæугæ  змæлды режимæй, æрмæстдæр зæййæиргъæвæг  тунелты уылты.

Гудаури-Къобийы  фадыгыл, стыр уæзласæн  автотранспорты æмæ  30-æй  фылдæр бынатджын  автобусты  змæлд тунелты  сыххæст уыдзæн иуфарсонæй. Фæнысангонд  режимæй  змæлд  цæудзæн патрулон пъæлицæйы  цæстдард æмæ координацийæ», – дзырдæуы  автомобилон фæндæгты  департаменты информацийы.