Грущевскийы номыл Тбилисы 41-æм æхсæнадон скъолайы, байгом ис украинагæвзагон сектор
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы уынаффæйæ, Грущевскийы номыл 41-æм æхсæнадон скъолайы украинагæвзагон сектор байгом ис. Информаци уый фæдыл Гуырдызстоны ахуырады æмæ зонæдты министрад хъусын кæны.
Уагдоны хъусинагæй, абонæй украинаг ахуыргæнинæгтæн Гуырдзыстоны мадлон æвзагыл ахуыры фадат уыдзæн.
«Гуырдзыстоны Украинайы минæварадимæ æнгом æгуыстадæй, равзæрстам квалифициргонд педагогты алы фадыгæн. Уый нымæцы сты, куыд Украинайæ фæстаг периоды æрцæугæ, афтæ бынæттон украинагæвзагон специалисттæ. Семæ йæхæдæг фембæлдис ахуырады æмæ зонæдты министр æмæ фæныхас кодта азуыры процессимæ. Фæнысангонд ахуыргæнджытæн мыздтæ Гуырдзыстоны хицауад сфитонг кæндзæн националон ахуырадон планы сахатгай куыстмæ æмбæлгæйæ. Гуырдзыстоны ахуырады æмæ зонæдты министрад украинагæвзагон секторы кусæг ахуыргæнджытæн профессион рæзынады дæр æххуыс кæндзæн.
Тбилисы 41-æм æхсæнадон скъолайы украинагæвзагон секторы ахуыры фæндон, абоны бонмæ 130 ахуыргæнинаг равдыста. Сæ нымæц æрвылбойнонæй рæзы. Гуырдзыстоны ахуырады æмæ зонæдты министрад, алы ахуыргæнинагы, ахуырмæ хъæугæ скъолайы чингутæй æмæ буктæй сфитонг кодта. Украинаг ахуыргæнинæгтæ, пайда кæндзысты мобилон интернетпакеты уæлбарджын уавæртæй министрады æмæ мобилон операторты æхсæн бафыст контрактмæ гæсгæйæ» – дзырдæуы ахуырады æмæ зонæдты министрады ахæлиугонд фидиуæны.