Батумы 20-æм æхсæнадон скъолайы байгом ис украинагæвзагон сектор
Батумы 20-æм æхсæнадон скъолайы байгом ис украинагæвзагон сектор

Гуырдзыстоны  премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы  уынаффæйæ, горæт Батумы  20-æм æхсæнадон скъолайы  байгом ис   украинагæвзагон сектор, кæцыйы   уккраинаг ахуыргæнинæгтæн  уыдзæн фадат  сæ  мадæлон æвзагыл   иумæйаг рухсад райсы –  хъусын кæнынц  ахуырады министрады.

Батумы   украинагæвзагон секторыл  ахуыоы  фæндон кæмæ ис абоны онг 100-ы онг ахуыргæнинаг  разагъдта.  Цæугæ ахуыры азы  кæронмæ, украинагæвзагон  сектормæ  I-IV класты   ахуыр кæндзысты, æрмæст сентябрæй, иумæйаг рухсад райсыны  фадат   уыдзæн   алы  кълассы  ахуыргæнинагмæ.

Батумы 20-æм  æхсæнадон скъолайы   украинагæвзагон   секторы  ахуырдзаутæ,  ахыр кæндзысты  куыд æнæмæнгхъæугæ, афтæ   факультативон  фадгуытæ  формаон  ахуырадон   планы  фæлгæтты.  Украинаг предметтимæ иумæ, сывæллæттæ  сахуыр кæндзысты  гуырдзыйаг æвзаг æмæ литературæ  æмæ  предмет « Нæ  Гуырдзыстон». Уыдонæн  сплан уыдзæн активондзинæдтæ, хъмыладон  æмæ æнæформалон  предметты æрдæмадæй.

Гуырдзыстоны ахуырады æмæ  зонæдты министрад, алы  ахуыргæнинагы  сифтонг кодта  ахуырмæ хъæугæ  чингуытæй æмæ  буктæй.   Украинаг  ахуыргæнинæгтæ, гуырдзыйаг  æмгæрттау,  пайда кæндзысты  мобилон интернет пакетæй  уæлбарджын  домæнтæй министрады æмæ мобилон  операторты æхсæн бафыст бадзырдмæ  æмбæлгæйæ.

Ахуырады министрады  хъусинагæй, Гуырдзыстоны  хицауады  уынаффæйæ,   скъоладзаутæ, кæцытæн  Украинайы   райдайгæ хæстон архæйдтыты тыххæй  нæу  сæ бон  иумæйаг рухсад райсын Украинайы  скъолаты æмæ сæ фæнды  азуыр адарддæр кæнын Гуырдзыстоны,  скъолатæм сæ исынц  фенцондæргонд уагæй. Ацы рæстæгмæ  уæвæг бæрæггæнæнтæй, Тбилис æмæ регионты  æндæр æмæ æндæр кары  800-йæ  фылдæр ахуырдзауы  райстой  скъолатæм.  Тбилисы  украинаг сектор цæугæ азы  11  апрелы  бæрæгбойнонæй  багом ис,  кæцыйы  ацы  этапыл  300-йæ  фылдæр   сывæллон ахуыр кæны.