Грецийы  цæгаты цы ран цалдæр бон у хъæды зынгсирвæзтимæ тох кæнынц, 18 адæймагы  мардыбуар ссардтой
Грецийы цæгаты цы ран цалдæр бон у хъæды зынгсирвæзтимæ тох кæнынц, 18 адæймагы мардыбуар ссардтой

Грецийы  цæгаты цы ран цалдæр бон у  хъæд  судзы, 18 адæймагы  мардыбуар ссардтой. Уый фæдыл информацийы  агентад «Ройтер» зынгвæдисон  куыстыл  æнцойæ  хъусын кæны.

Уыимæ, грекаг  медиа  хъусын кæны, цæмæй  мард сты мигранттæ.  Мардыбуæрттæ хъæу Авантасы  хуссары   ссардтой.  Грецийы  Евросы регион, цы ран мардыбуæрттæ  ссардтой,  Туркæй  Грецимæ цæуæг мигрантты  æхсæн популярон маршрут у.

Грецийы нырид  цалдæр бон у хъæды  зынгсирвæзтимæ тох кæнынц.  Сыгъд фæхæццæ кæны  горæт Александрополисмæ.  Стихийы  тыххæй    горæты  рынчындонæй   пациентты  эвакуаци бахъуыд,  уыдоны быраныл  æввахс    портмæ  фæхæццæ кодтой.  Эвакуацигондты æхсæн  ис  ноггуырдтæ æмæ интенсивон терапийы   хайады пациенттæ.