Грецийы æхсæнадæмон  авиа-рейстыл арæнæвæрдтæ  19 апрелы онг адарддæр  кодтой
Грецийы æхсæнадæмон авиа-рейстыл арæнæвæрдтæ 19 апрелы онг адарддæр кодтой

Грецийы  æхсæнадæмон  рейстыл  арæнæвæрд  19 апрелмæ  адарддæр кодтой.   Информацийы  хъусын кæны агентад «Ройтер».

Æмбæлгæ   уынаффæ  хицауад  вирусы  ног цауты фæфылдæры тыххæй  рахаста.

Ног уагæвæрдмæ гæсгæйæ,  алкæцы бæлццон,  хæсджын уыдзæн  Грецимæ ныццыды  цауы,   бавдиса  72 сахаты размæ арызт тесты  æппæрццаг дзуапп.

Фæсарæйнаг туристтæ  хæсджын уыдзысты  7 бонон  карантинмæ ахизын, уæлвæтк уыдзысты Израилы  æмбæстæгтæ.

Грецийы   скъолатæ, базарадон центртæ æмæ ресторантæ æхгæд сты. Грецийы  пандемийы ахæлиуæйы  абоны онг вирусæй  инфицирады  273 000-æй  фылдæр  цау сбæрæг ис, амард 8300  адæймаг.