Борджомы комы, Ахалдабамæ хæстæг, хъæды зынгсирвæзт ликвидацигонд у
Борджомы комы, цæрæн ран Ахалдабайы цур, хъæды зынгсирвæхт ликвидацигонд у. фæнысангонды тыххæй информаци мидхъуыддæгты министрад хъусын кæны.
Афтæма сæ информацийæ, сыгъд хуыссынкæныны процессы абон сæумæрайсомæй иста хайад арæйнон пъæлицæйы цыппар хæрдмæтæхæг.
Уыимæ, зынгхуыссынæнæг-ирвæзынгæнæг тыхты департаменты хистæры Давит Сухишвилийы фидиуæнæй, сыгъды фæстиуæгæн зæгъæн ис иу гектарыл уæвæг хъæды дæллаг æмбæрзæн æмæ хус бæлæстæ сты сыгъд.
«Æнæхъæн æхсæвы дæргъы зынгхуыссынгæнæг ирвæзынгæнджытæ интенсивон режимы æххæст кодтой локализацион æмæ ликвидацион куыстытæ. Ацы рæстæгмæ зынгъуыссынгæнджытæ сты хъæды массивы æмæ цæуы фæздæг калæг артдзæстыты лкивидаци. Æнæхъæн æхсæв баззайдзыстæм бынатыл мониторингы æмæ æдасдзинады нысанæн, вазыгджын рельефы тыххæй, зынгвæдисон техникæйы бакæнын артдзæстыты онг, не нтысы. Зæгъæн ис, иу гектарыл басыгъдис хъæды дæллаг цъар æмæ хус бæлæстæ. Зынгхуыссынгæнæг куыстытæ фæзын сты дымгæйы тыххæй, фæлæ зынгхуыссынгæнджытæ бафæрæзтой æмæ ацы рæстæгмæ зынгсирвæзт ликвидацигонд у», – райхъусын кодта Давит Сухишвили.