Централон Чилейы хъæды зынгсирвæзты фæстиуæгæн  фæмардуæвджыты  нымæц 50-йæ ахызт
Централон Чилейы хъæды зынгсирвæзты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 50-йæ ахызт

Централон Чилейы  хъæды зынгсирвæзты  фæстиуæгæн фæмардуæвджвты нымæц 50-йæ  ахызт.  Мидхъуыдæгты  министрад амæттæгты  нымæцы гæнæн рæзт нæ цух кæны. Стихий Валпараисойы  регионы   ис æмæ  цæрæн пункттæн  хæссы  тас. Сыгъд сты  1100-æй  фылдæр хæдзар.

Националон  хъæды цæстарæг  уагдоны хъусинагæй,  сыгъд у  аст  мин гектарæй  фылдæр фæзуат.  Зынгхуссынгæнджытæ дæсгай артдзæст ахуыссын кæнын архайынц.

Сыгъд ахуыссын кæнын  не нтысы  уæлдæфы бæрзонд температурæйы  æмæ дымгæйы тыххæй.

МХ министр  Каролина Тоха  куыд райхъусын кодта афтæмæй,   бæстæ   сегасдæр æбуалгъ  катастрофæйы  раз лæууы 2010  азы  зæххæнкъуысты фæстæ, кæцы 500-йы онг адæймагы  цард ахаста.