Грецийы цæгаты цы ран цалдæр бон у хъæды зынгсирвæзтимæ тох кæнынц, 18 адæймагы мардыбуар ссардтой
Грецийы цæгаты цы ран цалдæр бон у хъæд судзы, 18 адæймагы мардыбуар ссардтой. Уый фæдыл информацийы агентад «Ройтер» зынгвæдисон куыстыл æнцойæ хъусын кæны.
Уыимæ, грекаг медиа хъусын кæны, цæмæй мард сты мигранттæ. Мардыбуæрттæ хъæу Авантасы хуссары ссардтой. Грецийы Евросы регион, цы ран мардыбуæрттæ ссардтой, Туркæй Грецимæ цæуæг мигрантты æхсæн популярон маршрут у.
Грецийы нырид цалдæр бон у хъæды зынгсирвæзтимæ тох кæнынц. Сыгъд фæхæццæ кæны горæт Александрополисмæ. Стихийы тыххæй горæты рынчындонæй пациентты эвакуаци бахъуыд, уыдоны быраныл æввахс портмæ фæхæццæ кодтой. Эвакуацигондты æхсæн ис ноггуырдтæ æмæ интенсивон терапийы хайады пациенттæ.