Гиорги Квирикашвилийы  сидт азербайджайнаг  æмбæстæгтæм -  Абон сымахимæ иумæ сбæрæгбон кодтаин Новруз Байрамы бæрæгбон, фæлæ  нын тынг зын рæстæг лæууы
Гиорги Квирикашвилийы сидт азербайджайнаг æмбæстæгтæм - Абон сымахимæ иумæ сбæрæгбон кодтаин Новруз Байрамы бæрæгбон, фæлæ нын тынг зын рæстæг лæууы

Гуырдзыстоны премьер-министр  Гиорги Квирикашвили  азербайджайнаг  æмбæстæгтæн  Новруз Байрам арфæ кæны.  Хицауады сæргълæууæгы  арфæйы,  Марнеулы  цæрджытæн  æрзонгæ кодта  Квемо Катрлийы  паддзахадон  æвджид æлг Григол Немсадзе.

«Ме æфсымæр  азербайджайнæгтæ!  Арфæ ун кæнын  Новруз Байрам»! ацы рæсугъд бæрæгбон –  Ног Азы æрлæууды, уалдзæджы,  ранæуæгы, царды æмæ  уарзондзинады бон!  Иу кæнын уæ бæрæгбонмæ,   æмæ  зæрдиагæй хайджын  дæн  уæ цинæй!   Мах иу бæстæйы  хъæбултæ стæм. Нæ фыдæлтæ  иумæ цардысты, иумæ куыстой,  службæ кодтой Гуырдзыстонæн,  кæддæриддæр   иумæ уыдысты  фыдбонты æмæ цины афоны дæр.  Афтæ стæм мах дæр  æмæ  ац традици  адарддæр кæндзысты нæ  хъæбултæ.   Мах  алцыппæт аразæм уый тыххæй, цæмæй  нæ бæстæйы   уа  алы аууæлттæ   не мбæстæгты,  сымах алкæй  фадæтты реализацийæн  æмæ æхсæнадон цардмæ ноджы  фылдæр куыд æрбаиу уат  уый  тыххæй.  Райгонд дæн, уæ историон фыдыбæстæимæ бастдзинад кæй  нæ сафут уымæй.  Азербайджан  Гуырдзыстоны æмзæрдæ  хæлар бæстæ  æмæ стратегион партнер у.   Зонын цæмæй  сымахæн дæр ай иттæг нысаниуæгджын у.  Мах иумæ  амайæм  нæ  бæстæйы фидæн  æмæ æнæмæнгæй  иумæ  цæрдзыстæм   иууон,  æмæ фидар Гуырдзыстоны.  Æз куыд алыхатт,  абон сымахимæ  иумæ  сбæрæгбон кодтаин Новруз Байрам, фæлæ нын  æгæр  фыдбонтæ  ралæууыд, не æмбæстоны  мардæн хъуамæ скад  кæнæм  куыд æмбæлы афтæ,  уый тыххæй дæр, хъыгагæн физикъонæй  сымахимæ иумæ   нæ дæн.  Фæлæ уын  зæрдиагæй  ноджы иу  хатт арфæ кнын  Новруз байрам! Кувын уын, циндзинæдтæ, амондджындзинад, размæцыд  æмæ тыхджынæй тыхджындæр куыд кæнæм  уыцы  амонд» –  дзырдæуы  Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвилийы  арфæйы.