Коронавирусы тасы тыххæй, Квемо Картлийы аивдтой адæмарæх мадзæлттæ, уый нымæцы Новруз Байрамы адæмон бæрæгбон

Коронавирусы  тасы тыххæй, Квемо Картлийы  аивдтой  адæмарæх  мадзæлттæ, уый нымæцы Новруз Байрамы  адæмон  бæрæгбон, кæцы  19-21 марты бæрæгбон кæнынц.  Информацийы  хъусын кæны  Квемо Картлийы  бæстæйон  администраци.

«Хицауадон æхсæнуагдонон  координацион  советы рекомендацимæ гæсгæйæ,  Квемо Картлийы  паддзахадон æвджиды   æмæ регионы  муниципалитетты  администрациты COVID-19-ы  ахæлиу маруадзыны  нысанæй,  урæд  æрцыд   æмбæстæгты  райст  æмæ ивд сты   адæмарæх мадзæлттæ, сæ нымæцы  Новруз Байрамы  адæмон бæрæгбон, кæцы традиционæй  цæугæ мæйы   дæргъы  банысан вæййы», – дзырдæуы  Квемо Картлийы  администрацийы  куырдиаты.