Мамука Бахтадзе -  Гуырдзыстон кæддæриддæр  фидар уыд йæ  бирæгъуызондзинадæй
Мамука Бахтадзе - Гуырдзыстон кæддæриддæр фидар уыд йæ бирæгъуызондзинадæй

Гуырдзыстоны премьер-министр  Мамука Бахтадзе  азербайджайнаг  æмбæстонтæн Новруз байрамы  бæрæгбон раарфæ кодта.  Хицауады сæргълæууæг  фидыд æмæ æмбæстагон æмсæрады  фарстаты  паддзахадон министримæ Кетеван Цихелашвилиимæ иумæ абон  Марнеулы  уыд, цы ран  Новруз Байраммæ гæсгæ  бæрæгбонон мадзæлтты  райста хайад.

«Арфæ уын кæнын   абоны бон.   Новруз байрам  мубарак олсун.  Арфæ уын  кæнын уалдзæгы æрлæуд æмæ   нæ хæдзæртты ног цард æрфидар.  Мах цæрæм  Гуырдзыстоны,  бæстæйы,  кæцыйы   бирææнусон   истори у  æфсымæрдзинады истори, уарзондзинад æмæ  иудзинады историй.  Гуырдзыстон кæддæриддар фидар уыд  йæ  бирæгъуызондзинадæй, уымæй  æмæ  мах  стæм Гуырдзыстоны  хъæбултæ,  иумæ,   фæрсæй-фæрстæм  æнæфæуромгæйæ  куыстам нæ  иумæйаг фыдыбæстæйы размæцыдæн.  Ацы стыр уарзондзинад æмæ  æфсымæрондзинад хъуамæ адæттæм нæ   фæсивæдмæ.   Тынг  райгонд дæн,  цæмæй   ацы  бæрæгбоныл сты  нæ  хæлæрттæ Азербайджанæй.   Фæнды мæ  нæ  хотæн æмæ  æфсымæртæн Азербайджаны,   раарфæ кæнын Новруз Байрам  æмæ  сын  бæстæйыл  цы  фарн ис,    уый  ракувон», –  райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.

Премьер-министр  бæрæгбонон  мадзæлтты фæлгæтты,    муниципалон  стендтимæ, афтæдæр регионы  плангонд проектытимæ æрзонгæ ис æмæ йæ цæст бадардта  спортивон  амæлттæм.