Гиорги Амилахвари – æнæмæнгæй  æркæсын хъæуы  иумæйаг рухсады национ нысæнттæ, уымæн æмæ  нырыккон æхсæнадæмон рухсады стандарттимæ  бынтон кæрæдзиуыл нæбадгæ у
Гиорги Амилахвари – æнæмæнгæй æркæсын хъæуы иумæйаг рухсады национ нысæнттæ, уымæн æмæ нырыккон æхсæнадæмон рухсады стандарттимæ бынтон кæрæдзиуыл нæбадгæ у

Æнæмæнгæй  æрксын хæъуы  практиконæй,  сæйраг документ,  иумæйагрухсады  национ  нысæнттæ, кæцы  бирæ азы  размæ уыд  ист,  уымæн æмæ  нырыккон æхсæнадæмон ахуырады стандарттимæ  уый нæбадгæ у, – уый фæдыл   ахуырады æмæ  зонæдты  министр, Гиорги Амилахвари   Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  алæвæрд «Уынаффæйы»  райхъусын кодта.

«Уый нымæцы  æвæццæгæн   нæбадгæ у  уыцы аргъдзинæдтимæ национ æмвæзадыл, кæцы лæууы паддзахады», – банысан кодта  Амилахвари.

Ахуырады  æмæ  зонæдты  министр  куыд банысан кодта афтæмæй,  уагдон активон куыст кæны   æндæр æмæ æндæр æрдгæй  æмæ цæттæ у,  уæрæх зылдты  бастдзинадæй  фæуынаффæ кæна  ахæм фарстатыл, цахæмдæр сты: иумæйаг рухсады национ   нысæнттæ;  рæвдауæндæттæ æмæ скъола агъоммæ  ахуыр;  скъола æмæ иумæйаг рухсад; скъолайы автономи; национ  ахуыры  план; аргълæвæрды системæ;  скъолаты авторизаци;  скъолайы дзыллæйæн æххуыс;  ахуыргæнæг, йæ  куыст, финансон  æмæ социалон уавæртæ;  карьерон райрæзты схемæ;  скъолаты финансдзинад æмæ скъолаты мидæг хæлцад;  ахуырады  политикæйы  сплан кæнын;  ахуырадон  ресурстæ æмæ  чингуытыл гриф  сæвæрыны  процесс;   ног цæстæнгас профессион рухсады бæрзонддæр ахуыр æмæ  зонæдтæ.