Гиорги Амилахвари  Гуырдзыстоны ИНО-йы Сабион Фонды ногнысангонд  минæваримæ фембæлдис
Гиорги Амилахвари Гуырдзыстоны ИНО-йы Сабион Фонды ногнысангонд минæваримæ фембæлдис

Гуырдзысоны  ахуырады æмæ  зонæдты  министр Гиорги Амилахвари  Гуырдзыстоны ИНО-йы  сабион фонды (UNICEF) ногнысангонд  минæваримæ Йеспер  Молеримæ  базонгæ равгы  фембæлд ауагъдта.

Ахуырады  министрады  пресскуысты информацийæ,   фарсытæ  æмгуыстад стынг кæныны  перспективæтæ  æмæ иумæйаг  ахуырадон   проектты  сыххæст фарстатæ  æркастысты.  Гиорги Амилахвари  Йеспер  Молерæн  постыл снысан кæныны фæдыл раарфæ кодта æмæ банысан кодта, цæмæй министрады  æмæ ИНОзйы   Сабион Фонды  бирæазон  партнерад  иу кæны.

Ныхас уыдис скъолаагъоммæ  æмæ иумæйаг  ахуырады къæпхæныл  цæугæ æмæ   плангонд проекттыл.  Фембæлды кæрон   фарсытæ  æндæр æмæ æндæр æрдгæй  æмгуыстад фæарфдæрмæ цæттæдзинад равдыстой.