Гиорги Амилахвари  Италиайы минæваримæ Гуырдзыстоны  фидæны æмгуыстад стынг кæныны фарстатæ  æркастис
Гиорги Амилахвари Италиайы минæваримæ Гуырдзыстоны фидæны æмгуыстад стынг кæныны фарстатæ æркастис

Гуырдзыстоны  ахуырады,  зонæдты æмæ фæсивæдон  хъуыддæты  министр, Гиорги Амилахвари  Гуырдзыстоны  Италиайы Республикæйы сæрмгаонд æмæ æххæстаргъджын  ногнысангонд минæвар   Массимиллиано  Дантуонойæн сфысым кодта.

Ахуырады министрады пресскуысты информацийæ,  базонгæйы равгы  кусæн фембæлдыл   фарсытæ  æмгуыстад фæарфдæры   перспективæтæ æмæ  иумæйаг   проектты  сыххæсты   фарстатæ  æркастысты.

«Италиайы минæвар  бузныг загъта  Гиорги Амилахварийæн   Гуырдзыстоны  Италиайаг æвзаджы  ахуыр стынгæн  фарсхæцыны  тыххæй.   Уый сæрмгаондæй рахицæн кодта  министры уынаффæ, кæцымæ  гæсгæ дæр  италиайаг  æвзаджы  ахуыргæнджытæн фадыгон  фæлварæны  раттыны  фадат  æрцыд лæвæрд.

Фембæлды фæлгæтты фарсытæ  афтæдæр фæуынаффæ кодтой  националон фæлварæнты тестты италиайаг æвзагыл  бакусыны фæдыл æмæ ахæм нысаниуæгджын фарстатыл, цахæмдæр сты – бæрхонддæр ахуыры æрдгæй   партнерад стынг кæнын, дыууæ бæстæйы  университетты  æхсæн цæдистæ  стынг  кæныны æмæ  иумæйаг зонадон-иртасæн  проектты сыххæст». – дзырдæуы  ахуырады министрады информацийы.

Фембæлдыл Гуырдзыстоны  ахуырады, зонæдты æмæ фæсивæдон  хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг  Александре  Цъуладзе дæр уыд.