Шалва Папуашвили  фембæлдис ИНО-йы Сабион Фонды Гуырдзыстоны офисы  ног къухдариуæггæнæгимæ
Шалва Папуашвили фембæлдис ИНО-йы Сабион Фонды Гуырдзыстоны офисы ног къухдариуæггæнæгимæ

Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шава Папуашвили  ИНО-йы  Сабион Фонды (UNICEF) Гуырдзыстоны  офисы  ног къухдариуæггæнæг, Йеспер Молеримæ фембæлдис.

Фарсытæ бахахх кодтой  Гуырдзыстоны æмæ UNICEF-ы æхсæн  фæстиуæгджын æмгуыстад. Шалва Папуашвили зæрдæрухсдзинад  равдыста  UNICEF-ы æрдгæй Гуырдзыстоны сæххæст  нысаниуæгджын   куысты тыххæй, уый нымæцы  оккупацигонд Абхазы регионы.

Фембæлдыл хъусдард  арызт уыд  сывæллæтты барты фæдыл парламенты ист кодексыл,  кæцы Йеспер Молеры  дзырдæй,  сывæллæтты барты  бæрзонд стандарттæ фидар кæны æмæ критиконæй нысаниуæгджын у  сывæллæттæн.  Фæнысан ис парламенты стыр роль кодексы  сæххæстыл цæстдарынады процессы.

Фарсытæ æркастысты æмгуыстады потенцион æрдæмадтæ  æмæ приоритеттæ.  Шалва Папуашвилийы дзырдæй, нысаниуæгджын у UNICEF  активонæй æмкуыст кæна  парламенты сывæллæтты барты хъахъхъæды иудадзыгархайæг советимæ. Шалва Папуашвили Йеспер Млерæн  йæ куысты йын  æнтыстытæ ракуывдта.