Гиорги  Амилахвари  Келли Дегнанимæ  кусæн  фембæлд ауагъдта
Гиорги Амилахвари Келли Дегнанимæ кусæн фембæлд ауагъдта

Гуырдзыстоны ахуырады  æмæ  зонæдты  министртæ,  Гиорги Амилахвари  Гуырдзыстоны   АИШ-ы   сæрмагонд æмæ æххæстбарджын    минæвар Келли Дегнанимæ  кусæн фебæлд ауагъдта.

Ахуырады министрады информацийæ,  фембæлдыл АИШ-ы минæварады   культурæйы  аташэ  Кристофер  Андерсон  æмæ USAID-ы  программæйы  менеджер  Марина  Кутатладзе  уыдысы.

Фарсытæ  афлæгæстон алы  уыцы проект, кæцы  АИШ-ы   фарсхæцынæй   ахуырады æмæ  зонæдты   æрдгæй  Гуырдзыстоны  цæуынц  æмæ фидæнон планты  фæдыл   фæуынаффæ кодтой.

Гиорги Амилахвари  Келли  Дегнанæн   раарфæ кодта Гуырдзыстоны ахуырады системæйы  фæхуыздæр кæнынæн   америкаг   фарсы  æххуысы тыххæй   æмæ  банысан кодта, цæмæй АИШ-æ  нырид  бирæ  аз у  Гуырдзыстоны æндæр æмæ æндæр сферæйы   масштабон  инициативæтæ æххæст кæны.

Йæхи æрдгæ  Келли Дегнан   бузныг  загъта   сæрмагондæй Гиорги Амилахварийæн  æмæ министрады æххæст скондæн   дæнцон   æмгуыстады тыххæй  æмæ  райхъусын кодта, цæмæй   АИШ-æ  адарддæр кæндзæн Гуырдзыстоны ахуырады системæйы  рарйзтыл   аудын  æмæ ацы  æрдгæй   министрадимæ  æнгом партнерад.

Информаци хъусын кæны  ахуырады æмæ  зонæдты  министрад.