Германийы иуæй-иу горæты пъæлицæй æрцахста Санта Клаусы расыгæй. Барадхъахъхъæнджыты информацийæ, Санта Клаус нал фæцарæхстис хæдтулгæ тæрын æмæ хæдзары фасады æмæ лæугæ хæдтулгæ ныццавдта.
«Хæдзары фасад серьозонæй базиан ис, Санта Клаусы Цыппурсон лæвæрттæ нæ базиан сты», – хъусын кæнынц пъæлицæйы.
Пъæлицæйы информацийæ, Санта Клаусæн байстой хæдтулгæ тæрыны æвдисæнгæххæт æмæ фæдагуырд цæуы нозтджын уавæры автомобилы тæрыны фактыл, фæлæ Санта Клаус хуъсын кæны, цæмæй лæвæртты æввахсдæр фидæны уæддæр байуардзæн.