Германийы хицауад сбæлвырд кодта закъонопроект, кæцы йæ хъуыдыйы дары Гуырдзыстоны æдас бæстæйæ банымад
Германийы хицауад бæтæйы мидхъуыддæгты министры, Херст Зеехофферы бакуыст закъонопроект сбæлвырд кодта, кæцы йæ хъуыдыйы дары, Гуырдызстоны, Тунисы, Мароккко æмæ Алжиры, æдас бæстæтæй расидын. Уый тыххæй информацийы хæлиу кæны «Дойче Велле».
Фæнысангонд документ æркæсынмæ æрвыст æрцæудзæн бундестагмæ.
Германийы хицауад ныфс æвæры, ома закъоны скусын кæнынæй, æрнымадгонд бæстæтæй мигрантты хиæмбæхсæны фæдыл куырдиæтты касты процесс батагъддæрп кæндзæн æмæ фæнысангонд бæстæтæй фæкъаддæр уыдзæн мигрантты къада.
Хицауады сбæлвырдгонд документы банысангонд у, цæмæй Гуырдзыстоны æмбæстæгты, хиæмбæхсæн фæдыл бавдыст куырдиæттæй, æрмæст 0, 6 процент райстой разы дзуапп, Алжиры æмбæстæгты цауы ацы бæрæггæнæн у 2 процент, Мароккойы- 4,1 процент, Тунис та 2,7 проценты.
2014 азы сентябры, Германи æдас бæстæты номхыгъдмæ бахаста Сербий, Македоний æмæ Босни-Герцоговинæ. Фæстæдæр та ацы номхыгъдæ бафтыдта Албанийы, Косово мæ Монтенегро.