Германийы Æхсæнадон Уацхæссæджы официалон фебфарслы Торнике Хъипианийы зарæг 2020 азы сеппæтæй хуыздæр зарæгыл банымадтой

Германийы  Æхсæнадон Уацхæссæджы  (ARD) официалон  веб-фарсыл  2020  азы  Евроуынынады  сегасдæр хуыздæр зарæг  равзæрстой.

Онлайн  рафарсты  уæлахизгонд ссис  Гуырдзыстоны  минæвары, Торнике  Хъипианийы  зарæг Take Me As I Am.

Рафарст веб-фарсыл   цалдæр боны дæргъы  цыд  æмæ  кæронбæттæн фæстиуджытæ  публикаци абон  скодтой.  Гуырдзиаг   конкурсант  хъæлæсты  14.9%  æрымбырд кодта  æмæ  фыццаг бынат бацахста. Дыккаг æмæ æртыккаг бынатыл  сты  Лиетувæйы æмæ  Исландийы  минæвæрттæ.