30 январы ацæудзæн  Евроуынынад 2024-ы халæппæрст
30 январы ацæудзæн Евроуынынад 2024-ы халæппæрст

 

30  январы Тбилисы рæстæгæй, 22:00 сахатыл  Евроуынынад 2024  халæппæрст ацæудзæн, кæцыйы  хайад исдзысы  38  бæстæ.

Конкурсы фæткæвæрдмæ гæсгæйæ, Германи, Стыр Британи, Франц, Испани æмæ Италиа, а.х.  стыр фондзы  бæстæтæ æмæ фысым – Швеци финалмæ автоматонæй ахиздзысты.  Халæппæрсты фæстиуæгæн та базондзыстæм  кæцы  æрдæгфиналы  сын уыдзæн бар схъæлæс кæнын.

Халæппæрстыл  бæрæг суыдзæн, кæцы  æрдæгфиналы райсдзысты хайад иннæ 32 бæстæйы минæвæрттæ, сæ нымæцы Гуырдзыстон æмæ  йæ  минæвар Нуца Бузаладзе.

Ацы  азы   халæппæрст акæндзысты  Пернила Мансон  æмæ Фара Абади.  Акæнджыты  дзырдæй, халæппæрст Евроуынынады райдайæн  у æмæ нысаниуæгджын у  фидæны ерысæн.

Бакой уын кæндзыстæм, Евроуынынад 2024-æн фысым кæны Швецийы  горæт Мальмьо. Конкурсы фыццаг æрдæгфинал 7 майы,  дыккаг æрдæгфинал та, 9 майы  ацæудзæн.  Грандиозон финалы  кæсджытæ  фендзысты 11 майы.