Поничъалайы ирвæзынгæнæн куыстытæ фесты, Рынчындоны баззад фондз адæймагы, ирвæзынгæнджытæ та хæлддзæгтæй æхсæз адæймагы мард сластой

07:53, 20.11.2026

Ирвæзынгæнæн операцитæ фесты -расидтис  Гуырдзыстоны мидхъуыдтæгты министр Сулхан Тамазашвили, Поничъалайы цауы бынатыл журналисттимæ ныхасы рæстæджы.

Уый банысан кодта, ирвæзынгæнæн куыстыты фæстиуæгæн,  рынчындонмæ кæй æрбаластой фондз адæймагы, æхсæз  адæймагы мард та  фæсæмбисбон систой.

“Нæ амондæн, зынгхуыссынгæнджытæн æмæ ирвæзынгæнджытæн бантыст æдæппæтæй фондз æмбæстагы аргъæвын  медицинон уагдæттæм. Се æхсæн ис æнахъом сывæллон, кæцыйæн йæ цард æмæ æнæниздзинадæн тæссагдзинад нæ æртхъирæн кæны. Ацы фондз адæймагæй æрмæстдæр иу у уæззау уавæры. Хъыгагæн, боны дыгкаг хаййы  ссардтам æхсæз адæймагы мард, сæ æхсæн иу сывæлло æмæн.  Фæнды мæ мæсæллæ расидон сæ бинонтæн, хиуæттæн æмæ уарзон адæймæгтæн уый, кæй зæгъын æй хъæуы, у трагеди æнæхъæн бæстæйæн, фæлæ сеппæтæй тынгдæр хъыгдард у сæ бинонты уæнгтæн æмæ уарзон адæймæгтæн» – банысан кодта Тамазашвили.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, фæдагурæн мадзæлттæ ныр адарддæр уыдзысты бынатыл.

«Ацы рæстæгæй фæстæмæ адарддæр уыдзысты фæдагурæн куыстытæ — сæрмагондæй, бынат басгæрст, кæцыйы хайад исынц тæрхондонон эксперттæ, æппæт æнæмæнгхъæуæг бæлвырдгæнæнтæ æрæмбырд кæныны нысанæн. Фæнды мæ бузныг зæгъын мидхъуыдтæгты министрады алы кусæгæн дæр, кæцытæ архайдтой фæдагуырдон архайдтыты æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ирвæзынгæнæн мадзæлтты. Хъуамæ ма бузныг зæгъон муниципалон службæтæн æмæ уæлдæр лæггæдтæн. æппæтæн дæр, нæ хъайтартæн — зынгхуыссынгæнджытæн æмæ ирвæзынгæнджытæн — кæцытæ æцæгæйдæр фæзминагæй æххæст кодтой сæ хæстæ, мæн фæнды бузныг зæгъын медийы минæвæрттæн æмæ журналисттæн, кæцытæ æнæхъæн бон бахъахъхъæдтам æмгуыстад, кæцы æхсæнадæн фадат радта комкоммæ эфиры цаутæм кæсынæн»— расидтис Гуырдзыстоны мидхъуыдтæгты министр Сулхан  Тамазашвили.

Хуыздæр