Мака Бочъоришвили – «хъусæн режимы» уæвын махæн нæу райсинаг; кæд æмæ исчи хъуамæ архайа фембæлды, уæд хъуамæ йæ бон уа йæ позицитæ дзурын æмæ йæ хайбавæрд бахæссын — уæлдайдæр та фарста бастдзинадмæ куы хауы, уæд
Гуырдзыстоны вице-премьер æмæ фæсарæн хъуыдтæгты министр Мака Бочъоришвили, телеканал «Имеди»-йы эфиры Гуырдзыстоны бастдзинады саммитмæ хуынды фарстайыл фæныхас кодта æмæ бамбарын кодта, цæмæн æнæрайсгæ у æнæадекватон æмвæзадыл хайадист Гуырдзыстонæн.
Министры расидæнмæ гæсгæ, Евроцæдисы æрдыгæй Гуырдзыстонмæ æрсидтыты фæдыл фарстатæ фæстаг рæстæджы систы политикон спекуляцийы темæ, кæцы Гуырдзыстонæн æнæрайсгæ у. Уый бахахх кодта, цæмæй Евроцæдисы боны фæткы фарстатæ домынц серьезон æмæ мидисджын дискусси.
«Мах бирæ хатт загътам, цæмæй Евроцæдисимæ ахастытæ спекуляцийы фарста не сты. Боны фæткы фарстатæ — уыдон, кæцытæ хъуамæ æрцæуой æвзæрст партнерты æхсæн — хъæуы серьезон æркæсын. Уый æцæгæйдæр у æнæсерьезон, иуæрдыгæй, бæстæ æвæццæгæн куы æрбахонынц фембæлдмæ, иннæмæй та хуынд афтæ арæзт у, æмæ минæварæн йæ бон нæу хайадисты æмвæзад нæ æмбæлы уыцы æмвæзадæн, кæцыйыл уагъд цæуы фембæлд» – расидтис Мака Бочъоришвили. Уый бамбарын кодта, зæгъгæ, политикон фембæлды нысаниуæг æмæ эффективондзинад комкоммæ баст сты æмбæлон æмвæзады минæварадимæ — уæлдайдæр та, ныхасгонд фарстатæ политикон характеры куы вæййынц, уæд.
“Политикон фембæлды, кæнæ æндæр æмвæзадыл, махæн æнæрайсгæ у æрмæст “хъусыны” формат. Кæд фембæлды хайад исæм, уæд хъуамæ йæ бон уа позицитæ равдисын æмæ йæ хайбавæрд бахæссын” — банысан кодта министр.
Мака Бочъоришвилийы ныхасмæ гæсгæ, Гуырдзыстон кæддæриддæр цæттæ уыд Евроцæдисимæ диалог æмæ æмгуыстадмæ æмæ ацы позици абон дæр æнæивгæйæ баззад. Фæлæ уый бахахх кодта, ахæм диалог хъуамæ бындуриуæг кæна партнерады принциптыл æмæ хъуамæ ма уа политикон спекуляцийы фæрæз кæнæ ног политикон боны фæтк саразыны фæрæз.
«Мах цæттæ стæм цыфæнды рæстæджы, цыфæнды ран æмæ цыфæнды форматы хайад райсынмæ – кæд æмæ хуынд æцæгæйдæр нысангонд у уыцы конкретон форматæн, кæцымæ Гуырдзыстон хуынд цæуы, æмæ ацы хъуыдтæгтæ дарддæры спекуляцийæн нæ спайда кæндзысты»— расидтис Мака Бочъоришвили.
Фæсарæн хъуыдтæгты министр афтæ дæр банысан кодта, цæмæй Евроцæдисы уæнг бæстæты егъау фылдæр хай бæлвырдæй йæ фарсыл хæцынц Гуырдзыстонимæ диалог адарддæр кæныны æнæмæнгхъæуындзинадæн. Министры ныхасмæ гæсгæ, Гуырдзыстонимæ регуларон коммуникаци, афтæ дæр æндæр æмæ æндæр националон сæйраг сахарты ахст бынæттæ æвдисынц, цæмæй Брюсселы бюрократийы архæйдтытæ Евроцæдисы уæнг бæстæты цæстæнгас æмæ интерестæ алы хатт нæ æвдисынц.