Нидерландты Европæйы иуæй-иу сеппæтæй престижон музыкалон конкурс райдайы.
Евроуынынады зарæджы радæй 65-æм конкурсы æрдæгфиналон шоу, Роттердамы абон ацæудзæн, кеæцыйы 16 бæстæйы минæвар зарæггæнæг ерыс кæндзæн финалмæ ахизынæн.
Фыццаг æрдæгфиналы ацы бæстæтæ исдзысты хайад: Лиетувæ, Словени, Уæрæсе, Швеци, Австрали, Цæгат Македони, Ирланди, Кипр, Хорвати, Бельги, Израил, Румыни, Азербайджан, Украина æмæ Мальтæ.
Фыццаг æрдæгфиналы комкоммæ трансляци Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы эфиры райдайдзæн 23:00 сахатæй.
Ацы аз еврофестивалыл Гуырдзыстоны номæй рацæудзæн Торнике Хъипиани кæцы дыккаг æрдæгфиналы 20 майы азардзæн. Торникæ Хъипиани сыххæст кæндзæн зарæг – «You».