Германи Гуырдзыстоны æмæ Сомихыстоны æдас бæстæтыл банмайын хъавы
Германи Гуырдзыстоны æмæ Сомихыстоны æдас бæстæтыл банмайын хъавы, цæмæй хиæмбæхсæн раттыныл куырдиаты бакуысыны проуцесс фæцырддæр кæна. «Дойче Веллейы» зхъусинагæй уый фæдыл Германийы мидхъуыддæгты министр, Хорст Зеехоффер райхъусын кодта.
Германийы мидхъуыддæгты министрады пресс-нымæдар Штеан Меййер куыд загъта афтææмй, Гуырдызстонæй æмæ Сомихыстонæй хиæмбæхсæн агурджыты нымæц бæрзонд у, фæлæ æвæрццаг дзуапп уыдонæй æрмæст тынг цъус райсынц.
Германийы миграцийы æмæ лигъдæтты федералон уагдоны бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2017 азы Германийы лигъдоны статус æркууырдтой Гуырдзыстоны 3462 æмбæстаг, æрмæст Сомихытсонæй та 3857.
2018 азы райдианы хицауады хицауадон коалицийы саразыны онг, бадзырдты хайадисæг партитæ сразы æрныхас кодтой, цæмæй æдас бæстæты ранымадмæ бахæссдзысты Алжиры, Мароккойы æмæ Тунисы. Германийы хицауадмæ уыдзæн фадат, æдас бæстæты æмбæстæгты депортаци батагъдгонд процедурæйæ сæххæст кæна.
2014 азы сентябры, Германи «Æдас бæстæты» номхыгъдмæ бакодта, Сербийы, Македонийы æмæ Босниа-Герцоговинаæйы. Фæстæдæр фæнысангонд номхыгъдмæ ма бахастой Албанийы, Коссово æмæ Монтенегройы.