Гардабаны хъæу Хъараджалайы марындзинады фактыл пъæлицæй иу гоймагы æрцахста
Мидхъуыддæгты министрады Квемо Картлийы пъæлицæй департаменты кусджытæ, тæвдæй-тæвдмæ уагъд оперативон-агурæн æмæ фæдагуырæн мадзæлтты фæстиуæгæн, 1986 азы гуырд Т.М.-йы æрцахстой барæй марындзинады аххосагæй.
МХМ-ы информацийæ, фæдагуырдæй фæбæрæг ис, цæмæй зылынмæ лæвæрд гоймаг, цæугæ азы 15 февралы, Гардабаны муниципалитеты хъæу Хъараджалайы раздæры бинойнагы – 1996 азы гуырд Х.Г.-ы йæ цæрæн хæдзары, зæрдæхсайды бындурыл, цыргъагæй, цалдæр цæф фæкодта æмæ цауы бынатæй алышгъд. Х.Г. Бынатыл æрбамард
«Пъæлицæй зылынмæ лæвæрды, æрцæугæйæ цалдæр сахатмæ æрцахста. Барадхахъхъæнджытæ фыдракæнды мигæнæн – кард ссардтой бæлвырдæгæнæнæй.
Фæдагуырд цæуы бинонты уæнгы барæй марындзинады фактыл, Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 11 прима, 109-æ статийы 2-аг хайы «В» пунктæй. Фыдаркæнд йæ хъуыды дары 13-æй 17 азы онг ахстæй æфхæрд» – банысангонд у МХМ-ы информацийы.