Гардабаны хъæу Хъараджалайы  марындзинады фактыл пъæлицæй  иу гоймагы æрцахста
Гардабаны хъæу Хъараджалайы марындзинады фактыл пъæлицæй иу гоймагы æрцахста

Мидхъуыддæгты министрады  Квемо Картлийы  пъæлицæй  департаменты   кусджытæ,   тæвдæй-тæвдмæ  уагъд оперативон-агурæн  æмæ фæдагуырæн  мадзæлтты  фæстиуæгæн, 1986  азы  гуырд   Т.М.-йы  æрцахстой  барæй  марындзинады аххосагæй.

МХМ-ы  информацийæ,   фæдагуырдæй  фæбæрæг ис,   цæмæй  зылынмæ лæвæрд   гоймаг, цæугæ  азы  15  февралы,  Гардабаны  муниципалитеты   хъæу  Хъараджалайы   раздæры  бинойнагы –  1996 азы  гуырд  Х.Г.-ы  йæ  цæрæн   хæдзары,   зæрдæхсайды бындурыл,    цыргъагæй,  цалдæр цæф  фæкодта  æмæ   цауы  бынатæй  алышгъд.   Х.Г. Бынатыл æрбамард

«Пъæлицæй   зылынмæ  лæвæрды, æрцæугæйæ   цалдæр сахатмæ æрцахста. Барадхахъхъæнджытæ  фыдракæнды  мигæнæн –   кард  ссардтой  бæлвырдæгæнæнæй.

Фæдагуырд цæуы  бинонты  уæнгы барæй  марындзинады  фактыл, Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады  кодексы  11  прима, 109-æ  статийы  2-аг  хайы  «В»  пунктæй.   Фыдаркæнд  йæ   хъуыды  дары  13-æй   17  азы  онг    ахстæй  æфхæрд» –  банысангонд у  МХМ-ы  информацийы.