Дохтыры информацийæ, раздæры  усы æмæ йæ усы мады марындзинады зылынмæ лæвæрды уавæр критиконæй  уæззау  у
Дохтыры информацийæ, раздæры усы æмæ йæ усы мады марындзинады зылынмæ лæвæрды уавæр критиконæй уæззау у

Йæ  раздæры  усы æмæ йæ усы мады марындзинады  зылынмæ лæвæрды  уавæр  критиконæй  уæззау у , – фæнысангонды  фæдыл   Симон Хечинашвилийы   номыл   университетон   клиникæйы  дохтыр  нейрохирург  Иванэ  Авазашвили   фехъусын кодта.

«Æрбаластой нæм æй  уæззау  уавæры.  Уыдис ын  хъæдгом  йæ къæмисæн-къæбуты ран.  Пациенты аргъæвдтам  операцион хайадмæ нейрохирургион операци саразынæн.   Йæ  уавæр  у  критиконæй  уæззау», – рахйъусын кодта Иванэ Авазашвили.

Тбилисы Долидзейы   уынгыл   марындзинад,  знон æхсæв æрцыд.  Мард сты  дыууæ  адæймаг.   Бынæттон   цæрджытæ куыд  дзурынц афтæмæй,  зылынмæ лæвæрд, æхсæнгарзæй  фехста  йæ раздæры усы æмæ йæ усы мады, стæй та йæхи амарын  дæр бацархайдта.  Зылынмæ лæвæрд гоймаг у  МХМ-ы  архайæг кусæг.