Гаагæйы  зылды тæрхондон  сбæрæг кодта, цæмæй Малайзиаг Боингы уыцы территорийæ æрыппæрстой, кæцыйы контрол кодтой хæдрасидтгонд Донецкы  Республикæйы тыхтæ
Гаагæйы зылды тæрхондон сбæрæг кодта, цæмæй Малайзиаг Боингы уыцы территорийæ æрыппæрстой, кæцыйы контрол кодтой хæдрасидтгонд Донецкы Республикæйы тыхтæ

Гаагæйы   зылды тæрхондон  2014 азы  июлы  Донецкы  зылды   «Малайзиаг  авиахаххыты  сæрмагонд   бæлццонон  Боингы катастрофæйы  хъуыддагыл»  уынаффæ райхъусын кодта.

Тæрхондон сбæрæг кодта, ома МН17-ы   рейсы   хæдтæхæг  горæт  Снежноейы цур  уæвæг   первомайскы   районæй  фехсгæ  «БУК»-ы типы   ракетæйæ æрыппæрстой.

Фæнысангонд территори  хæдтæхæг æрыппарыны рæстæджы  хæдрасидт  «Донецкы Адæмон Республикæйы»  тыхты  контролы бын уыд.

Тæрхондон нымайы, цæмæй хæдтæхæджы æрыппарыны  момент  Уæрæсе  æххæст кодта эффективон  контрол  сепаратистон Донецкы  Адæмон Республикæйы  къухдариуæггæнджытыл æмæ  йæ  фарсхæцджытыл.

Иæрхондоны нымайынц, цæмæй  2014 азы  зæрдæвæрæнй  Уæрæсе   ифтонг кодта а.х. Донецкы Адæмон Республикæйы   æфсæддæтты  бацæттæ, хæцæнгарзы æмæ  хæлцады  инфтонгад, афтæма æххæст кодта  сепаратистты  æфсæддон архæйдтыты   координаци  æмæ йæхæдæг уагъта  æфсæддон архæйдтытæ  Украинайы  хурыскæсæн  хайы.

Амстердамæй Куала-Лумпурмæ  тæхæг  авиалайнер  рейсæй  МН17, кæцыйы  бортыл 298  адæймаг уыд, 2014  азы  17 июлы æрыппæрстой.  Бæлцæтты æхсæн  уыд  80 сывæллон.  Нидерландты  æмæ Австралиайы хицауадтæ  Донецкы  зылды 2014  азы Малайзиаг   авиахаххыты  сæрмагонд  бæлццонон   хæдтæхæджы  æрыппарыныл  бæрн  официалонæй сæвæрдтой Уæрæсейыл.