Малайзиаг боингы æрыппарыны Нидерландтæ æмæ Австрали, аххосджын кæнынц Уæрæсейы
Малайзиаг  боингы   æрыппарыны  Нидерландтæ æмæ  Австрали,  аххосджын кæнынц  Уæрæсейы

Малайзиаг Боингы, МН17 –ы  æрыппарыны  Ниберландтæ  æмæ Австрали  Уæрæсейы  официалонæй   фæзылынджын кодтой.

Нидерландты  хицауады  фидиуæны дзырдæуы, ома  сæрмагонд  позицийы  тыххæй  Уæрæсейæн   дыууæ  падзахад  ныридæгæн  кæй  фехъусын кодтой  уый фæдыл.  Уæдмæ та   æхсæнадæмон  фæдæвзарæг  къорд   пресс-конференцийыл райхъусын кодта,   цæмæй   зенитон-ракетон    комплекс  «БУК»,  кæцыйы  фæрцы  дæр æрыппæрстой  хæдтæхæг,   Курскы  базиргонд   гарзджын тыхты  зенитон-ракетон   тыхты  53-аг  бригадæй  сæрмагонд уыд.

Малайзиаг  авиахаххыты   хæдтæхæг,   кæцы æххæст кодта  Асмтердам- Куала-Лумпуры  рейс,  Донбасы  2014 азы  æрыппæрстой.   Инциденты  фæстиуæгæн  фæмард 298 адæймаг, сæ фылдæр  уыдысты Нидерландты  æмбæстæгтæ.  Уæрæсе та   хъуыддагимæ исты  бастдзинадыл нæ сæтты.